Скъамо кæнæ сыкъамо[1] (лат. Fritillaria, уырыс. Рябчик) у бирæазон зайæгойты мыггаг.[2]
Уый у хъоппæджы хуызæн, хæрынæн бæззы, йæ æппытæ дæр сты хъоппæджы æппыты хуызæн, йæ зæнг хъоппæгæй у ныллæгдæр, йæ дидинæг — игæрхуыз, ис дзы урсбын хъулæттæ дæр. Кæны лыстæг зæнг, зайы йыл цалдæр нарæг сыфы, йæ дидинæджы хæдрæбын фæкъул вæййы цæджы хуызæн, уымæ гæсгæ йын йæ дидинæг хонынц хъусцæг кæнæ хъусæг.
Хос дзы кодтой хъæдгомæн, игæрæн æмæ тъæнгтæн.[3]
Скъамо кæнæ сыкъамо (лат. Fritillaria, уырыс. Рябчик) у бирæазон зайæгойты мыггаг.
Уый у хъоппæджы хуызæн, хæрынæн бæззы, йæ æппытæ дæр сты хъоппæджы æппыты хуызæн, йæ зæнг хъоппæгæй у ныллæгдæр, йæ дидинæг — игæрхуыз, ис дзы урсбын хъулæттæ дæр. Кæны лыстæг зæнг, зайы йыл цалдæр нарæг сыфы, йæ дидинæджы хæдрæбын фæкъул вæййы цæджы хуызæн, уымæ гæсгæ йын йæ дидинæг хонынц хъусцæг кæнæ хъусæг.
Хос дзы кодтой хъæдгомæн, игæрæн æмæ тъæнгтæн.